Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны Оперæ æмæ балеты театры уыд радон премьерæ
10 января 2026, 12:14
Ног азы лæвар. Цæгат Ирыстоны Оперæ æмæ балеты театры уыд радон премьерæ. Аивадуарзджытæн бацæттæ кодтой уарзон аргъау "Морозко". Алæмæты дуне, ирд æмæ аив костюмтæ, рæсугъд нывæфтыдтæ æмæ аргъауы декорацитæ. Афтæмæй райдайы цымыдисаг сюжет. Ацы спектаклæй кæронмæ æрхæццæ оперæ æмæ балеты театры Ног азы кампани. Радон хатт барухс кодта сабиты æмæ сæ ныййарджыты зæрдæтæ. Хъайтмазты Дзерассæйæн ныхасы бар.