Вести. Аланийы хабæрттæ Чырыстон диныл хæст адæмæн дарддæр цæуынц Сыгъдæг бонтæ
13 января 2026, 10:30
Чырыстон диныл хæст адæмæн дарддæр цæуынц Сыгъдæг бонтæ – уырыссагау "Святки". Ацы рæстæг кад кæнынц Чырыстийы райгуырдæн. Адæм фæкæнынц лæвæрттæ, афтæмæй кæрæдзийæн фæхай кæнынц се *хсызгондзинадæй æмæ зæрдæбын æнкъарæнтæй. Æгъдаумæ гæсгæ, хистæрæй кæстæрмæ, аргъæутты хъайтарты дарæс скæнгæйæ, фæзилынц хæдзæрттыл, фæдзурынц хъæлдзæг хабæрттæ.