Вести. Аланийы хабæрттæ Дарддæр цæуы Балтайы дондзæуæн системæйы рацарæзт
14 января 2026, 10:26
Дарддæр цæуы Балтайы дондзæуæн системæйы рацарæзт. Уый ифтонг кæны Дзæуджыхъæуы рахизфарсы район: специалисттæ баивдзысты дондзæуæн хæтæлты 7 километрæй фылдæр. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг. Зæронд коммуникацитæ æвæрд æрцыдысты 70 азы размæ. Уæдæй фæстæмæ иу хатт дæр ноггонд нæ уыдысты.