Вести. Аланийы хабæрттæ Ног азы фæлладуадзæн бонты рæстæг Мæздæджы цæрджыты æмæ уазджыты зæрдæтæ рухс кодта цымыдисаг коллекци
14 января 2026, 10:27
Ног азы фæлладуадзæн бонты рæстæг Мæздæджы цæрджыты æмæ уазджыты зæрдæтæ рухс кодта цымыдисаг коллекци. Саив кодта сывæллæтты сфæлдыстады Центры разуынд. Ног азы бæрæгбоны 30 сæйраг персонажы сæхи къухтæй скодтой районы æрмдæснытæ. Уыдон саразыны тыххæй пайда кодтой алыхуызон æрмæджытæй. Фыццаг бынат бацахстой станицæ Павлодольскæйы цæрджытæ.