Вести. Аланийы хабæрттæ "Мамысон"-ы ныртæккæ йæ тæмæны ис фыццаг зымæгон сезон
14 января 2026, 10:27
Ног азы бæрæгбæтты рæстæг фылдæр адæм равзарынц сæ фæллад активонæй уадзын. Бирæ бинонтæ абалц кæнынц хæххон курорттæм, къахдзоныгътыл бырынмæ. "Мамысон"-ы ныртæккæ йæ тæмæны ис фыццаг зымæгон сезон. Адæм цæуынц суанг нæ бæстæйы æндæр регионтæй дæр. Уæвгæ, туристон курорт æххæст хъомысæй скусдзæн 2030-æм азмæ. Фæлæ ныр дæр банкъарæн ис алæмæты бынаты рæсугъддзинад, æмæ атезгъо кæнын цалдæр трассæйыл. Чехойты Фатимæйæн ныхасы бар.