Вести. Аланийы хабæрттæ Спорты галуан "Манеж"-ы райдыдта Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат армрестлингæй
14 января 2026, 10:28
Спорты галуан "Манеж"-ы райдыдта Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат армрестлингæй. Ерыстæ цæуынц хи æмæ командæты хсæн. Архайджытæ сæ арæхстдзинад æвдисынц алы кары категориты. Æдæппæтæй турнир æрæмбырд кодта 300 спортсменæй фылдæр Цæгат Кавказы федералон зылды республикæтæй. Турниры хатдзæгтæм гæсгæ, уæлахиздзаутæ æмæ призертæ райсдзысты хæрзиуджытæ æмæ дипломтæ.