Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Цæболты Азæмæтæн йæ профессионалон карьерæ фæци, сценæйы уæвгæйæ
28 января 2026, 10:33
30 азы дæсныйады. Уыдонæй 14 – Мариинаг театры филиалы. Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист, Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон премийы лауреат Цæболты Азæмæтæн йæ профессионалон карьерæ фæци, сценæйы уæвгæйæ. Балет "Фатимæ" æнтыстджынæй ацыд Мариинаг театры филиалы Дзæуджыхъæуы. Аивадуарзджытæ тыхджын къухæмдзæгъдимæ афæндараст кодтой балеты артисты, фæлæ сæ зæрдæ дарынц, дарддæр дæр æй аивады кæй уындзысты, ууыл. Чехойты Фатимæйæн ныхасы бар.