Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 21.01.2026
21 января 2026, 10:28
Республикæйы цæрджытæ радон хатт бацæттæ кодтой гуманитарон æххуыс хæстонтæн. Ирон чъиритæ, хойрæгтæ, медикаменттæ, техникон фæрæзтæ – йæ уæз у 12 тоннæйы бæрц. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты æрыгон ирстаджытæ лæмбынæг ахуыр кæнынц Кавказы Стыр æфцæджы суадонтæй минералон доны сконд æмæ пайдайаг æууæлтæ. Нывгæнджыты Цæдисы равдыстыты залы кадджын уавæры хорзæхгонд æрцыдысты конкурс "2025-æм азы вернисаж"-ы уæлахиздзаутæ.