Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 06.03.2026
6 марта 2026, 09:00
Ивгъуыд азæй фæстæмæ Беслæны цæуы сывæллæтты нывкæнынады скъолайы арæзтад. Уыдзæн 3-уæладзыгон бæстыхай райдзаст кълæстимæ æмæ нырыккон ифтонггæрзтимæ. Фыдыбæстæхъахъхъæнджыты Фонды филиалы кад кодтой Уæрæсейы хъæбатырты мадæлтæн. Алы ныййарæг дæр райста дидинджыты баст æмæ зæрдылдарæн лæвар. Мæздæджы культурæйы галуаны районы хъазахъхъаг æхсæнад скодта йæ куысты хатдзæгтæ. Æргом аздæхтой фæсивæдимæ патриотон куыстмæ, традицитæ бахъахъхъæнынмæ.