Картинка

Вести. Аланийы хабæрттæ Беслæны дарддæр цæуы сывæллæтты нывкæнынады скъолайы арæзтад

6 марта 2026, 10:23

Беслæны дарддæр цæуы сывæллæтты нывкæнынады скъолайы арæзтад. Уый уыдзæн 3-уæладзыгон бæстыхай райдзаст кълæстимæ æмæ нырыккон ифтонггæрзтимæ. Объект аразын райдыдтой ивгъуыд азы, æмæ ныртæккæ куыстытæ сты сæ тæмæны. Ацы хъуыддаг æххæстгонд цæуы национ проект "Бинонтæ"-м гæсгæ. Скъола йæ дуæрттæ хъуамæ байгом кæна ацы аз. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация