Вести. Аланийы хабæрттæ Фыдыбæстæхъахъхъæнджыты Фонды филиалы кад кодтой æцæг хъæбатырты мадæлтæн
6 марта 2026, 10:24
Фыдыбæстæхъахъхъæнджыты Фонды филиалы кад кодтой æцæг хъæбатырты мадæлтæн. Ныр уый сси хорз традици. Алы аз фонды хъæппæрисæй арæзт фæцæуы ахсджиаг фембæлд Уæрæсейы Хъæбатырты ныййарджытимæ. Ацы хатт æрбахуыдтой Есенаты Тамарæйы, Таисия Даниловайы æмæ Датиты Натальяйы. Сылгоймæгты баиу кодтой сæ миддунейы æнкъарæнтæ æмæ ма æгæрон сæрыстырдзинад, ахæм фыртты кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй.