Вести. Аланийы хабæрттæ 9 мины æмæ 500 бæласæй фылдæр ацы аз ныссаддзысты республикæйы æппæтадæмон акци "Номарæн таладон"-мæ гæсгæ
11 марта 2026, 10:33
9 мины æмæ 500 бæласæй фылдæр ацы аз ныссаддзысты республикæйы æппæтадæмон акци "Номарæн таладон"-мæ гæсгæ. Уæрæсейы президенты хæслæвæрд æххæст кæнгæйæ, 2020-æм азæй фæстæмæ æппæт бæстæйы, æмæ йæ арæнтæй дарддæр сагъд цæуынц милуангай бæлæстæ – Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты чи фæмард, уыдонæй алкæйы номыл дæр.