Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд акци "Мысæн трамвай"
30 января 2026, 11:09
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд акци "Мысæн трамвай". Баст уыд, Ленинград немыцаг фашисттæй æххæстæй уæгъдгонд кæй æрцыд, уыимæ. Номарæн мадзал саразыныл бакуыста уæрæсейаг æхсæнад "Знание". Скъоладзаутæн арæзт æрцыдысты лекцитæ, абарæн кæмæн нæй, ахæм ретро-трамвайы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Уæрæсейы 27-æм январы сбæрæг кодтой Ленинград фашистон блокадæйæ суæгъд кæныны бон. Уый у æппæтæй трагикондæр æмæ зæрдыладарæн рæстæг Фыдыбæстæйы Стыр хæсты историйы.