Вести. Аланийы хабæрттæ Луковскæйы станицæйы байгом Теркаг хъазахъхъæгты музей
30 января 2026, 11:26
Луковскæйы станицæйы байгом Теркаг хъазахъхъæгты музей. Кадджын мадзалы архайдтой Мæздæджы районы администрацийы бæрнон кусджытæ, бынæттон æмæ хæстæг хъæуты цæрджытæ, Теркаг хъазахъхъаг æфсады минæвæрттæ. "Æцæг истори" – афтæ схуыдтой сæ фыццаг экспозици, хъазахъхъаг хæдзары курЕнь-ы хуызы кæй сарæзтой, уый. Музейы дуæрттæ байгом кæныны бар лæвæрд æрцыд хъазахъхъаг æхсæнады хистæртæн – Якубин Николай æмæ Валентинæйæн.