Вести. Аланийы хабæрттæ Турмоны фæдзæхст бынаты сæвæрдзысты 30 къамисæн къæппæджы. Куыстытæ цæудзысты сæрмагонд проектмæ гæсгæ
11 февраля 2026, 10:31
Турмоны фæдзæхст бынаты сæвæрдзысты 30 къамисæн къæппæджы. Куыстытæ цæудзысты сæрмагонд проектмæ гæсгæ. Йæ фарс рахæцыд æрдз хъахъхъæныны Президентон фонд. Афтæ хъусын кæны телеграм-канал "Проекты. Северная Осетия". Камерæтæ сæвæрдзысты сæрмагонд методикæмæ гæсгæ. Уый фадат ратдзæн æхсырæйхæссæг цæрæгойты уавæр зонынæн. Куыд стырты, афтæ æрæстæмбис æмæ чысыл хуызтæн дæр.