Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 31.01.2026
31 января 2026, 08:00
Национ наукон библиотекæйы арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны журналистты Цæдисы 2-аг Съезд. Хатдзæгтæ скодтой организацийы архайдæн æмæ снысан кодтой ног хæстæ. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ сбæлвырд кодтой, скъолаты бындурон цалцæггæнæн куыстытæ куыд æххæстгонд æрцыдысты, уый. Дзæуджыхъæуккаг скъоладзау Саламаты Георгий сарæзта хакертæй хъахъхъæнæг программæ. Уый рабæрæг кæны IT инфраструктурæйы хъæндзинæдтæ.