Вести. Аланийы хабæрттæ 2026-æм азы хъæууон хæдзарады рæзтæн дихгонд æрцыди 2 млрд сомы
19 февраля 2026, 10:47
2026-æм азы хъæууон хæдзарады рæзтæн дихгонд æрцыди 2 млрд сомы. Уый тыххæй фехъусын кодтой агропромышленнон комплексы рæзты фарстаты фæдыл æмбырды. Амыдта йæ республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Цы фарстатыл дзы æрдзырдтой, уыдоны хсæн паддзахадон æххуыс, мелиорацийы мадзæлттæ, хъæууонхæдзарадон туризмы проекттæ царды уадзын. Дзанайты Барис хъæууон хæдзарады министрмæ бахаста фæндон, гранттæ дæттыны фæткмæ æмæ субсидитæй пайда кæныны ахадындзинадмæ ногæй æркæсын.