Вести. Аланийы хабæрттæ Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Годжысаты Сослан ныр 2 азы профессионалон æгъдауæй йæ цард сбаста музыкæимæ
19 февраля 2026, 10:49
Сфæлдыстад куыд реабилитацийы хуыз. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Годжысаты Сослан ныр 2 азы профессионалон æгъдауæй йæ цард сбаста музыкæимæ. Хæсты быдыры куы фæцæф, уый фæстæ ацы хъуыддаг йæ царды ахсджиаг бынат бацахста. Йемæ иузæрдион у Бибылты Артур. Иумæ скодтой сфæлдыстадон къорд æмæ ныр цæттæ кæнынц хæрзаудæн концертмæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.