Top.Mail.Ru
Эфир от 19.09.2026 Выпуск 19 сентября 2026 года
Абон цæуы Паддзахадон думæмæ æвзæрстыты дыккаг бон. Куыд зонут, афтæмæй адæм хъæлæс кæнынц æртæ боны. Республикæйы кусынц 309 æвзарæн участочы. Процесс у æргом. Ирон литературæйы музейы арæзт æрцыд поэт, литературæиртасæг æмæ тæлмацгæнæг Ардасенты Хадзбатыры номарæн изæр. Æрымысыдысты йе сфæлдыстадон æмæ наукон архайд. Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры райдыдтой Лев Толстойы номыл Липецкы паддзахадон академион театры гастрольтæ. Театрдзаутæ фендзысты 4 постановкæйы.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026