Вести. Ирыстон Мæздæджы адæмон театр йæ ног сезон байгом кодта йæ уарзон горæтмæ уарзондзинады æнкъарæнтæй
18 октября 2022, 10:38
Мæздæджы адæмон драмон театр йæ ног сезон байгом кодта йæ уарзон горæтмæ уарзондзинады æнкъарæнтæй. Документалон-поэтикон уацмысæн бындур æвæрд æрцыди горæты боны хæдразмæ. Æмдзæвгæтæ, зарджытæ, романстæ... Йæ бындуры – Мæздæджы алы азты историон цаутæ. Театрализацигонд равдысты хъуыстысты Мæздæджы кадæн бынæттон поэтты æмдзæвгæтæ. Режиссеры æрхъуыдыдзинады фæрцы аивадуарзджыты размæ рахастой, сæйраг хъайтар сæ уарзон горæт кæм у, ахæм спектакль.