Top.Mail.Ru
Сюжеты выпуска
Мобилизацигонд адæмы сывæллæттæн Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ æлыгæй куыстимæ Выпуск 17 ноября 2022 года
Мобилизацигонд адæмы сывæллæттæн Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ æлыгæй куыстимæ. Сывæллæттæн æрмдæсныйады сусæгдзинæдтæ раргом кодта Уæрæсейы нывгæнджыты цæдисы уæнг, скульптор Деметы Ибрагим. Сахуыр сты æлыгæй хъуывгъантæ æмæ мæргъты хуызы æхситгæнæнтæ кæнын. Акци сарæзта парти «Иугонд Уæрæсе». Æлыгимæ куысты размæ дæр ма мобилизацигонд адæмы цотæн сарæзтой 10 мадзалы. Программæмæ гæсгæ сывæллæттæ уыдысты музейты, æмæ сын скодтой алыхуызон дæсныйад æвдисæг ахуыртæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски