Top.Mail.Ru
Ирон æгъдаумæ гæсгæ бæрæгбон арæзт æрцыд Джызæлы Выпуск 21 ноября 2022 года
Уæдæ ирон æгъдаумæ гæсгæ бæрæгбон арæзт æрцыд Джызæлы дæр. Уым нæ фыдæлты æгъдæуттæ зæрдиагæй хъахъхъæнынц, æмæ сæ архайынц рæзгæ фæлтæрмæ хæццæ кæныныл дæр. Хуыцаубоны вæййы галæргæвдæн, стæй уæд æнæхъæн къуыри хистæртæ фæкувынц хуыцаумæ. Уыимæ фыдæлты æгъдæуттæ æххæст кæнынц алы хæдзары дæр. Се хсæн – Джызæлы цæрæг Солтанты Батразы хæдзар дæр. Куыд цæттæ кæнынц йæ бинонтæ Джеоргуыбайы къуыримæ, уый федта не сфæлдыстадон къорд. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Тъехты Элинæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски