Top.Mail.Ru
Сюжеты выпуска
Нотæты музыкалон библиотекæйы байгом Абайты Агуындæйы фыццаг сæрмагонд равдыст Выпуск 02 декабря 2022 года
Нотæты музыкалон библиотекæйы байгом Абайты Агуындæйы фыццаг сæрмагонд равдыст. Кæд æм сæрмагонд нывкæнынады ахуырад нæй, уæддæр саби уæвгæйæ аивад йæ зæрдæмæ фæндаг ссардта. Уæдæ хъомыл дæр кодта профессионалон нывгæнæджы куыстытæм кæсгæйæ. Уыцы нывгæнæг у йæ фыд – Абайты Алан. Чызг йæхи æвзары акварель æмæ акрилимæ кусгæйæ. Кæны æрмдæсныйады куыстытæ дæр. Равдыстмæ Агуындæ бахаста йæ 25 куыстæй фылдæр, алыхуызон техникæйæ конд.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски