Top.Mail.Ru
Сюжеты выпуска
Йæ цардæй ахицæн Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Хуыгаты Сурен Выпуск 07 декабря 2022 года
67 аздзыдæй йæ цардæй ахицæн Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Хуыгаты Сурен. Мæскуыйы Щепкины номыл театралон училищæйы рауагъдон æвæстиатæй фæндаг ссардта аивадуарзджыты зæрдæмæ. Фыццаджыдæр йæхи бауарзын кодта куыд киноактер. Фæстæдæр та сси Ирыстоны театралон аивады ирддæр стъалытæй иу. 50 азы онг балæвар кодта Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театрæн. Сарæзта ирд æмæ зæрдæмæхъаргæ сурæттæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски