Top.Mail.Ru
Сюжеты выпуска
Инклюзивон форум "Без границ" сси æппæтадæмон преми #МЫВМЕСТЕ-йы уæлахиздзау Выпуск 08 декабря 2022 года
Æппæтуæрæсеон инклюзивон фæсивæдон ахуырадон форум "Без границ" сси æппæтадæмон преми #МЫВМЕСТЕ-йы уæлахиздзау. Хæрзаудæн фонд "Быть добру" цы проект сарæзта, уый хуыздæрыл банымадтой номинаци "Страна возможностей"-ы. Хæрзиуæг Мæскуыйы райста фонды разамонæг Хъуысаты Амырхан. Номинаци "Страна возможностей"-ы архайдтой, курдиат раргом кæныны, ахуырады, бархионты змæлды, наукæйы, патриотизмы, культурон хæзнаты æмæ традициты райрæзты, историон намыс хъахъхъæныны нысанимæ проекттæ.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски