Top.Mail.Ru
Эфир от 29.05.2023 Выпуск 29 мая 2023 года
Федералон программити архайд бабæй хуарздзинадæ хæссæг æй Хæзнидони цæргутæн. Ахуради райрæзти программи фæрци си капиталон цалцæггонд цæуй бунæттон скъола. Адæймаги ном фæлтæртæмæ хъæртун кæнуни фæрæзнæ. Лескени амбулаторий фарсбæл сагъд æрцудæй зундгонд , адæмæн уарзон дохтур Хъизинти Сослæнбеги номерæн фæйнæг Алли хузи фæлварæнти сæрти рахезун, æгас размæ æвæрд ихæстæ исæнхæст кæнуни нисанеуæги хæццæ æрбамбурд æнцæ Чиколамæ Джип -Триали архайгутæ. Арæзт æрцудæй æртиккаг хатт.