Top.Mail.Ru
Эфир от 20.07.2026 Выпуск 20 июля 2026 года
Цæгат Ирыстони районти культури хæдзæрттæ райстонцæ 5 милиуан сомемæй фулдæр, сæ материалон-техникон бундор снæуæг кæнунæн. Æрмдæснийади сосæгдзийнæдтæ! Уæгъдæ рæстæг пайдайагæй æрветун æма нæуæг дæснийади хæццæ базонгæ ун. Сикъитæй дзаумæудтæ аразун амонуй Уæрæсей хузæгæнгути Цæдеси иуонг Демети Ибрагим. Дæснийадææвдесæг ахурти архайунцæ сувæллæнттæ æма хестæр кари адæм. Ирæфи райони ци историон бунат Кетæ ес, уой истори кæд, лæмбунæг ертæст нæма æй, уæддæр ин ес бæрзонд аргъ æма æй цæстигагуйай гъæуай кодтонцæ æма кæнунцæ Хæзнидони гъæуи цæргутæ. Ци фиддæлтигкон обæуттæ си ес, уони федæни фæлтæрæтмæ фæхъхæртун кæнунбæл бакуста Хъамболти Марат.