Вести. Аланий хабæрттæ Эфир от 11.09.2023
11 сентября 2023, 09:00
Цæгат Иристони скъоладзаути ахурадон уавæртæбæл бабæй бафтудæй. Мæхчески Малити Геуæргий номбæл скъола байгом æй цалцæги фæсте. фæфулдæр æнцæ æ гæнæнмæ, фæххуæздæр æнцæ æ уавæртæ. Фæстаг дууæ анзи Дигори райони цæргутæ бацицнæ кодтоцæ сæ райони ци нæуæг гъуддæгтæ конд цæуй, уонæбæл. Æ цæргутæ куд зæгъунцæ уотемæй, ауæхæн змæлд ма си адтæй Бердити Солтан ку адтæй райони сæргъи уæд.