Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 21.11.2023
21 ноября 2023, 09:00
Алагиры 4-æм æмæ 5-æм скъолаты сæвæрдтой мемориалон фæйнæджытæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы архайджытæн. Иууылдæр уыдысты ацы скъолаты рауагъдонтæ. Нæ республикæйы райдыдта ирон адæмы кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Джеоргуыба. Ахæссы æнæхъæн къуыри. Нæ фыдæлты æгъдæуттæ æххæст кæнынц алы хæдзары дæр. Октябрьскæйы спортивон-дзæбæхгæнæн комплексы ацыдысты мыггæгты хсæн командæты ерыстæ национ спорты хуызтæй. Ахæм хуызы ерыстæ республикæйы арæзт æрцыдысты фыццаг хатт.