Вести. Аланийы хабæрттæ
Беслæны уæлæмхасæн ахуырады центр "Альтаир"-ы байгом Нарты кадджытимæ баст равдыст • Выпуск 28 декабря 2023 года
Беслæны уæлæмхасæн ахуырады центр "Альтаир"-ы байгом Нарты кадджытимæ баст равдыст "Нацийы хæзна". Фенæн дзы ис Нарты кадджыты хъайтарты æрвылбоны фæрæзтæ, хотыхтæ, стæй Ацæмæз æмæ Агуындæйы, Нарты бæласы æмæ Балсæджы цалхы нывтæ. Æдæппæтæй 40 куысты онг.