Вести. Аланийы хабæрттæ Мариинаг театры цæгатирыстойнаг филиалы уыд сывæллæтты балетон спектакль "Алисæ диссæгты бæстæ"-йы премьерæ
27 ноября 2024, 10:33
Постановкæйы режиссер æмæ либреттойы автор у – Елена Мариниченко. Сæрмагондæй ссыди Израилæй, цæмæй республикон филиалы труппæйæн сæвæра спектакль. "Алисæ диссæгты бæстæйы" – у балетмейстеры фыццаг егъау куыст Цæгат Ирыстоны. Спектакль æвæрд æрцыд Льюис Керролы уацмысы мотивтæм гæсгæ. Йæ бындуры ис либретто – чызг Алисæйы истори. Уый ацыд Урс Тæрхъусы фæстæ, æмæ бахаудта, диссæгтæй дзаг, алæмæты бæстæмæ.