Вести. Аланийы хабæрттæ Хицаудзинады оргæнтæ финансон æххуыс кæндзысты муниципалон скондты Советæн, уыимæ республикæйы бюджеты фæрæзтæй субсидиты хуызы дæр
11 декабря 2024, 10:38
Паддзахадон хицаудзинады оргæнтæ финансон æххуыс кæндзысты муниципалон скондты Советæн, уыимæ республикæйы бюджеты фæрæзтæй субсидиты хуызы дæр. Ацы закъоны проектыл бæстонæй ныхас цыди Хицауады æмбырды. Премьер Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахæм æххуысы фæрцы фæахадгæдæр уыдзæни Советы архайд. Æмбырды снысан кодтой республикæйы цæрджыты финансон зонындзинæдты æмæ финансон дисциплинæйы регионалон программæ 2030-æм азы онг. Ног стратегийы стыр æргом здæхт æрцыди хистæр кары адæммæ.