Вести. Аланийы хабæрттæ Беслæны арæзт æрцыд фембæлд скъоладзаутæ æмæ амынæты бахауджыты фервæзын кæныныл чи архайдта, уыцы æфсæддонтæн
14 декабря 2024, 09:31
Беслæны ног фыццæгæм скъолайы арæзт æрцыд фембæлд скъоладзаутæ æмæ, 2004-æм азы амынæты бахауджыты фервæзын кæныныл чи архайдта, уыцы æфсæддонтæн. Хуынд æм æрцыдысты, "Альфæ" æмæ "Вымпел"-æй ам чи фæмард, уыцы лæппуты хиуæттæ дæр. Скъола хæссы Уæрæсейы сæрмагонд оргæнты хъайтарты ном. Ахæм мадзæлтты ног фыццæгæм скъолайы кълæстæн лавæрд æрцæуынц Фыдыбæстæйы хъайтарты нæмттæ. Ныридæгæн ахуыргæнæндоны ис 42 ахæм къласы. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.