Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы "Бинонты азæн" фæндараст зæгъынæн æрæмбырд бирæ уазджытæ
27 декабря 2024, 10:22
Бинонты традицион хæзнатæ бахъахъхъæнын. 2024-æм азы республикæйы уыд бинонты азы темæимæ баст бирæ мадзæлттæ. Æдæппæтæй ацы аз Цæгат Ирыстоны нысангонд æрцыд 2 мин 500 къайæ фылдæр, райгуырд 7 мин сывæллоны онг. Бинонты аз республикæйы сæхгæдтой бæрæгбоны концертæй Фæсивæды галуаны. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.