Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы ацыд документалон киноныв "Самсон"-ы премьерон равдыст
28 февраля 2025, 10:34
Дзæуджыхъæуы ацыд документалон киноныв "Самсон"-ы премьерон равдыст. Дзуры, чырыстон аргъуаны къултыл дзуары нывтæ чи фыста, уыцы Мæрзойты Самсоны цард æмæ сфæлдыстадыл. Сæрмагонд бынат дзы ахсынц бинонты *хсæн ахастдзинæдтæ. Режиссер у Золойты Фатимæ, сценарийы автор Сихъоты Зæлинæ. Генералон продюсер Петр Павлов. Ног сфæлдыстадон куысты тыххæй бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.