Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 15.05.2025
15 мая 2025, 09:00
Дзæуджыхъæуы дæргъвæтин арæзтæдтæй иу радтой эксплуатацимæ. Адæм дæгъæлтæ райстой сæ фатертæй. Конкурс "Иры фидæн" та ногæй байгом кодта йæ дуæрттæ. Архайынц дзы скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндæтты хъомылгæнинæгтæ – ацы хатт сæдæ цыппор цыппар сывæллоны. Райгуырæн зæххæй дард уæвгæйæ,мадæлон æвзаг æмæ культурæ хъахъхъæнынц Турчы цæрæг ирæттæ. Ирон æвзаджы боны агъоммæ не сфæлдыстадон къорд аныхас кодта диаспорæйы минæвæрттимæ.