Вести. Аланийы хабæрттæ Бирæтæ сæ къухтæ цы уавæры *руагътаиккой, уым бархион Плиты Маринæ æмæ фермер Хъесаты Нокар нæ фæтарстысты
16 января 2026, 10:24
Бирæтæ сæ къухтæ цы уавæры *руагътаиккой, уым бархион Плиты Маринæ æмæ фермер Хъесаты Нокар нæ фæтарстысты. Фервæзын кодтой бæх Пандорæйы. Ссардтой йæ уæззау цæфтæй. Марг ын раттын, цæмæй йæ хъизæмарæй фервæза, сæ зæрдæтæ нæ бакуымдтой. Ныртæккæ бæхы удæн тæссаг нал у, фæлæ цæмæй раздæры хуызæн рæвдз уа, уый тыххæй йын хъæуы операци скæнын.