Вести. Аланийы хабæрттæ Адæмон фронт æмæ Ирыстойнаг зылды социалон лæггæдты комплексон центр бæрæгбоны арфæтæ ракодтой сылгоймæгтæн
10 марта 2026, 10:27
Сылгоймæгты æппæтадæмон боны агъоммæ Адæмон фронт æмæ Ирыстойнаг зылды социалон лæггæдты комплексон центр бæрæгбоны арфæтæ ракодтой сылгоймæгтæн. Мадзал арæзт æрцыди сывæллæтты сфæлдыстады центр "Заря"-йы. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинойнæгтæн, бирæсывæллонджын ныййарджытæн, алы къабæзты республикæйы рæзтмæ æвæрæн чи бахаста, уыдонæн бацæттæ кодтой концерт.