Картинка

Вести. Аланийы хабæрттæ Республикæйы Адæмон сфæлдыстады хæдзары равдыстытæ аразæн залы байгом сæрмагонд экспозици

7 марта 2026, 09:51

Республикæйы Адæмон сфæлдыстады хæдзары равдыстытæ аразæн залы байгом сæрмагонд экспозици. Баст у сылгоймæгты æппæтадæмон бонимæ. Сæ куыстытæ йæм бацæттæ кодтой 50 авторæй фылдæр, республикæйы æппæт районтæй. Нывкæнынад, графикæ, декоративон æрмдæсныйад, чысыл формæты скульптурæ, пейзажтæ, портреттæ, натюрморттæ æмæ сюжетон композицитæ. Алы уацмысы дæр бæрæг дары уалдзæджы хæрздæф. Уыимæ ма сæ сæртæй ныллæг кувынц сылгоймæгты раз.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация