Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы байгом сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты портретты равдыст
10 марта 2026, 10:28
Лæгдзинады уроктæ нывкæнынады *взагæй. Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы байгом сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты портретты равдыст. Куыстыты автор у нывгæнæг Михаил Чернов Ульяновскæй. Цæгат Ирыстоны зындгонд у. Проект æххæстгонд æрцыд парти "Иугонд Уæрæсе"-йы регионалон хайад æмæ ветеранты ассоциаци "Хæстон æфсымæрад"-ы руаджы. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.