Вести. Аланийы хабæрттæ "Иугонд Уæрæсе"-йы регионалон хайад бæрæгбоны хæдразмæ арфæ ракодта Уæллаг æмæ Дæллаг Бирæгъзæнджы цæрджытæн
10 марта 2026, 10:28
"Иугонд Уæрæсе"-йы регионалон хайад бæрæгбоны хæдразмæ арфæ ракодта Уæллаг æмæ Дæллаг Бирæгъзæнджы цæрджытæн. Уыдон фронтæн активонæй æххуыс кæнынц. Сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ æмбырд кæнынц гуманитарон æххуыс, тæбынæй быйынц хъарм дзаумæттæ, уыимæ дзы бавæрынц сæ уды хъарм. Партион хæрзаудæн проект "Хъæбатырæн уды хъармдзинад"-ы фæлгæты хорзæхгонд æрцыдысты 10 адæймаджы.