Картинка

Вести. Аланийы хабæрттæ Йæ юбилей бæрæг кæны фыццаг сылгоймаг æфсæддон уацхæссæг Таболты Иринæ

15 января 2026, 16:58

Абон йæ юбилей бæрæг кæны Таболты Иринæ. Фыццаг сылгоймаг – æфсæддон уацхæссæг. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист, Уæрæсейы культурæйы сгуыхт кусæг, дуне хъахъхъæнынады Комитеты премийы лауреат, профессионал, бирæ хæрзиуджыты аккаг. Кæдфæндыдæр йæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинадимæ цæстуарзонæй зонгæ кодта рæзгæ фæлтæры. Адæммæ хæццæ кодта æцæг информаци. Ирыстон бауарзта зæрдæйæ. Бæстæйæн телеуынынады уылты базонын кодта кавказаг гыццыл республикæ.

Смотрим

Репортажи

Популярное видео

Авто-геолокация