Вести. Аланийы хабæрттæ Сæ кадджын хистæрты ном ссардтой Цыколайы Сталины уынджы цæрджытæ
16 мая 2025, 10:34
Хъæбатырты номыл. Сæ кадджын хистæрты ном ссардтой Цыколайы Сталины уынджы цæрджытæ. Сарæзтой фæзминаг хъуыддаг. Уынгыл цæугæйæ æнæ бафиппайгæ нæй, трассæйы дыууæ фарсы дæр аивгонд сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты къамтæй. Ацы акци саразыны хъуыды фæзынд Æрæфы районы социалон хъахъхъæнынады управленийы хицау Тускъаты Жаннæмæ.