Вести. Аланийы хабæрттæ Советон Цæдисы æмæ Уæрæсейы сгуыхт тренер Габысаты Хъамболат сæххæст 95 азы
17 мая 2025, 10:25
Номдзыд ахуыргæнджытæ æрмæст зонындзинæдтæ нæ дæттынц, баззайынц сæ ахуыргæнинæгты зæрдæты. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар у Габысаты Хъамболат – Советон Цæдисы æмæ Уæрæсейы сгуыхт тренер уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ацы бонты йыл сæххæст 95 азы. Схъомыл кодта чемпионты, бафæрæзта хæсты зындзинæдтæн, æмæ абоны онг цæры спортæй.