Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 17.05.2025
17 мая 2025, 08:00
Сæрдыгон фæлладуадзæн рæстæг æмæ санаторон-курортон дзæбæхгæнæн мадзæлттæн æххуыс. Ацы æмæ æндæр фарстатыл ныхас цыди Хицауады сæрдаримæ фембæлды. Амæй фæстæмæ Сырх Дыгур хæсдзæн хæстон намысы хъæу. Сæрмагонд æфсæддон операцийы чи бацарæфтыд, уыдоны номыл та дзы ацы боны фæзынд аллейæ. Цæгат Ирыстоны райдыдтой сывæллæтты æмæ æвзонгдзинады 16-æм æфсæддон хъæзтытæ. Ацы хатт ерыстæ цæуынц дыууæ боны, æмæ дзы архайынц 900 спортсмены.