Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 21.05.2025
21 мая 2025, 09:00
Ханты-Мансийскы автономон зылды 35 минæвары стажировкæ кæнынц Цæгат Ирыстоны. Сты паддзахадон службæгæнджытæ – алы къабæзты кусджытæ. Толдзгуыны байгом кодтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыцы æмхъæуккæгты номыл цыртдзæвæн. Йæ автор æмæ саразæг у амалхъом адæймаг Хортиты Артем. Цъæх фæлысты зонæтæ, нырыккон æмæ зæрдæмæдзæугæ фæлладуадзæн бынæттæ фæзындзысты Дзæуджыхъæуы ноггонд районты. Аивгæнæн куыстытæ цæуынц цалдæр уаццаджы.