Вести. Аланийы хабæрттæ Толдзгуыны байгом кодтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыцы æмхъæуккæгты номыл цыртдзæвæн
21 мая 2025, 10:40
Толдзгуыны байгом кодтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыцы æмхъæуккæгты номыл цыртдзæвæн. Йæ автор æмæ саразæг у амалхъом адæймаг, цыртдзæвæнтæ аразæг æрмадзы разамонæг Хортиты Артем. Хæсты рæстæг, нæ бæстæйы иннæ рæтты цæрджыты æмрæнхъ, толдзгуйнæгтæ сыстадысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ. Сосранты Жаннæйæн ныхасы бар.