Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны хæххон хъæутæй иуы цæрджытæ ныр æртыккаг аз сты тæссаг уавæрты
24 мая 2025, 09:36
Цæгат Ирыстоны хæххон хъæутæй иуы цæрджытæ ныр æртыккаг аз сты тæссаг уавæрты. Уæллаг Садон иннæ районтимæ чи бæтты, уыцы фæндагыл, коммуналон куыстыты фæстæ, ацæуæн нал уыдис. Лæбырдтыты аххосæй адæмæн æндæр гæнæн нæй, æмæ сæ хæдзæрттæм бацæуæнтæ ныссыгъдæг кæнынц сæхи хъарутæй. Уыимæ сæ зæрдæ дарынц, сæ фарстамæ сын кæй æркæсдзысты, ууыл. Хъуыддагмæ сæ цæст æрдардтой Адæмон фронты минæвæрттæ.