Вести. Аланийы хабæрттæ Цæгат Ирыстоны райдыдта Иумæйаг Паддзахадон Фæлварæн дæттыны сæйраг æмгъуыд
24 мая 2025, 09:35
Цæгат Ирыстоны райдыдта Иумæйаг Паддзахадон Фæлварæн дæттыны сæйраг æмгъуыд. Знон скъоладзаутæ иумæйаг паддзахадон фæлварæн лæвæрдтой химийæ, литературæйæ æмæ историйæ. Регионалон информацион системæйы хыгъды уыдысты 3942 адæймаджы, ацы азы 11-æмкъласонтæ, ивгъуыд азты рауагъдонтæ, астæуккаг профессионалон ахуырады, стæй Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ. Радон фæлварæн уыдзæн 27-æм майы уырыссаг æвзагæй. Нæ республикæйы байгом кодтой хатдзæгтæгæнæн аттестацийы 17 пункты.