Вести. Аланийы хабæрттæ Сергей Меняйло æрвылазон докладимæ раныхас кодта республикæйы Парламенты
11 июля 2025, 15:15
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло æрвылазон докладимæ раныхас кодта республикæйы Парламенты. Йæ раныхас райдыдта Стыр Уæлахизы 80 азы æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы азы темæйæ. Цæгат Ирыстоны ныртæккæ цæры Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 15 ветераны. Æмæ сыл ахсджиаг у аудын. Программæ "Ирыстоны намыс"-ы æвзæрстытæ ацыдысты 32 кандидаты. Уыдон ахуырадон курс райдайдзысты августы. Уымæй дарддæр сæрмагонд æфсæддон операцийы 7 архайæджы систы Уæрæсейы Хъæбатыры сызгъæрин стъалыйы аккаг.